ЦХИНВАЛ, 2 сен - Sputnik. Ирыстойнаг спортсмен Мæргъиты Георгий снывонд кодта йæ майдан Парижы Паралимпиадæйы Беслæны трагедийы амæттæгтæн, хъусын кæны "Матч ТВ".
Мæргъиты Георгий рамбылдта бронзæйон майдан бæрзæндмæ гæпп кæнынæй 2024 азы Паралимпиадæйы финалы Парижы.
"20 азы рацыд Беслæны скъолайы трагедийæ. Мæн фæнды мæ майдан снывонд кæнын нæ сабитæн", - загъта спортсмен.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, йыл цыд фараст азы Беслæны скъола террористтæ куы бацахстой, уæд, фæлæ æрвылаз ацы цаутæ куы æрхъуыды кæны, уæд йæ цæстысыгтæ æркæлынц.