Хуссар Ир æнæ иварон санкцитæй радта Гуырдзыстонæн арæнхалæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад радта Гуырдзыстонæн йе ‘мбæстаг сылгоймаг Ани Бадзагуайы, кæцыйы æрцахстой республикæйы Ленингоры районы арæны сæрты æнæзаконæй рахизыны тыххæй, фехъусын кодта къуырисæры РХИ Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæ.
Бадзагуайы æрцахстой 31 августы Цъинагары хъæуы цур, банысан кодтой уагдоны.
"Сылгоймагæн йе ‘нæниздзинадимæ проблемæтæ кæй ис, уый фдыл ПÆК Арæнгæрон службæ аскъуыддзаг кодта раттын Гуырдзыстонæн йе ‘мбæстаджы æнæ иварон санкцитæй", - бахахх кодтой комитеты.
Гуырдзыстоны æмбæстаг сылгоймаджы æмбæлон уагæвæрдмæ гæсгæ радтой Гуырдзыстонæн хуыцаубоны, бафтыдтой уагдоны.