Хуссар Иры ссардтой Беслӕны теракты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы аргъуаны раз фӕзуатыл ацыд фыдохы акци Беслӕны трагедийы 20-ӕм афӕдзы боны фӕдыл, мадзалмӕ ӕрбацыдысты сӕдӕгай адӕм.
Сӕрибары фӕзуатыл обелиск "Скорбящий Ангел"-мӕ адӕм ӕрбахастой доны авгтӕ, дидинджытӕ ӕмӕ сывӕллӕтты хъазӕнтӕ.
Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ ссардтой фӕмардуӕвджыты рухс нӕмттӕ иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ. Уӕларвмӕ суагътой 334 урс тымбылӕджы — теракты амӕттӕгты нымӕц.
2004 азы 1 сентябры террористтӕ систой амынӕты 1128 адӕймаджы ӕмӕ сӕ дардтой скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны. Трагедийы фӕстиуӕгӕн фӕмард 334 адӕймаджы.