Уӕрӕсе ӕмӕ Монголийы президенттӕ уадзынц баныхас Улан-Баторы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 сен - Sputnik. Уӕрӕсе ӕмӕ Монголийы президенттӕ Владимир Путин ӕмӕ Ухнагийн Хурэлсух уадзынц баныхас, хъусын кӕны РИА Новости.
Фембӕлд цӕуы Улан-Баторы паддзахадон галуаны сӕрмагонд юртайы.
Уӕрӕсейы лидер фембӕлды рӕстӕджы фӕхуыдта йӕ коллегӕйы БРИКС-ы саммитмӕ Казанмӕ ацы аз октябры.
"Фӕнды мӕ фӕхонын дӕу Уӕрӕсемӕ, Казанмӕ, цы ран ацы аз ацӕудзӕн БРИКС-ы саммит. Уый уыдзӕн ахӕм ӕмвӕзады фыццаг мадзал организаци рауӕрӕх кӕныны фӕстӕ", - загъта Путин.
Афтӕ ма Уӕрӕсейы президент банхъардта Ухнагийн Хурэлсухӕн ӕрныхас кӕнын дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн ӕмархайдыл алыгъуызон къабазты, сӕйраджыдӕр, экономикӕйы.