Уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой УГТ колоннæ Курскы областы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 сен - Sputnik. Уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой Украинæйы Гарзджын тыхты (УГТ) коллонæ æмæ æрурæдтой знаджы размæбырст Курскы областы арæнгæрон областы, хъусын кæны Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад.
"Æфсæдты къорд "Цæгат"-ы Сауденджызон пехотæйы 810-æм хицæн гвардеон бригадæйы хæстонтæ скуынæг кодтой Украинæйы Гарзджын тыхты колоннæ Курскы областы арæнгæрон районы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уæрæсейаг хæстонты ныхæстæм гæсгæ, знаг нæ æнхъæлмæ каст карз ныхмæлæудмæ, фæнд кодта ахизын сæ дæлхайады цурты, фæлæ йын нæ бантыст.