Хуссар Иры МХМ-ы сӕдӕгай кусджытӕ сӕххӕст кӕндзысты ӕдасдзинад Зонындзинӕдты бон

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ цыппӕрӕмы райсомӕй ракӕндзысты службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ ахуырадон азы райдайӕны тыххӕй, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Мидхъуыддӕгты министрад сарӕзта мадзалтты нывӕст, кӕцымӕ гӕсгӕ 4 сентябры ӕппӕт ахуырадон объекттӕ басгардзысты ӕмӕ уыдзысты ӕрвыл суткӕйы хъахъхъӕнынады бын. Республикӕйы тыхон структурӕты саперон дӕлхайӕдты кусджытӕ сӕххӕст кӕндзысты саперон разысгӕрст ахуыргӕнӕндӕтты", - радзырдтой министрады.
Афтӕ ма 5 сентябры республикӕйы фӕндӕгтыл сӕвӕрдзысты Паддзахадон автоинспекцийы уӕлӕмхас посттӕ, инспектортӕ сӕ цӕст дардзысты фӕндагон змӕлдмӕ ахуырадон уагдӕтты цур.