Беслехъты Зауыр ссис дунейы чемпион греко-римаг хъӕбысхӕстӕй ӕрыгӕтты ӕхсӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон спортсмен Беслехъты Зауыр рамбылдта сыгъзӕрин майдан дунейы чемпионаты греко-римаг хъӕбысхӕстӕй 21 азы онг кары ӕрыгӕтты ӕхсӕн Испанийы.
Беслехъты Зауыр 72 килограммы уӕзы категорийы финалы рамбылдта Сомихы минӕвар Ашот Хачатряны 6:5 хыгъдӕй.
Беслехъты Зауырӕн уый уыд дыккаг сыгъзӕрин майдан дунейы чемпионатты. Фарон ирон спортсмен бацахста фыццаг бынат 18 азы онг кары ӕрыгӕтты ӕхсӕн.
Дунейы чемпионат спортивон хъӕбысхӕстӕй цӕудзӕн Испанийы 8 сентябрмӕ. Ерысты хайад исынц 700 спортсмены бӕрц. Уӕрӕсейаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ турниры архайынц нейтралон статусы.