Гаглойты Алан бабæрæг кодта бæрæгбонон линейкæ Цхинвалы фæндзæм скъолайы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан Зонындзинæдты бон бабæрæг кодта бæрæгбонон линейкæ Мамсыраты Хадзы-Умары номыл фæндзæм астæуккаг скъолайы.
Паддзахады сæргълæууæгимæ мадзалмæ æрбацыдысты ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан æмæ парламенты вице-спикер Тадтаты Таймураз.
Бæрæгбонон линейкæ Цхинвалы фæндзæм скъолайы
"Бирæ аккаг æмæ номдзыд адæм ахуыр кодтой фæндзæм астæуккаг скъолайы. Уыдон размæ кæнынц нæ паддзахады имидж. Нæ хъæуы рох кæнын не ‘мбæстæгты дæр, кæцытæ сæ цæрдтæ снывонд кодтой республикæйы ирд фидæны сæраппонд. Ныры фæлтæр хъуамæ алыхатт дæр хъуыды кæна ацы хъайтарты", - банысан кодта президент.
Гаглойты Аланы зæрдæ загъта скъолайы хъомылгæнинæгтæн стыр æнтыстытæ ахуыр æмæ царды.
Паддзахады сæргълæууæг ма уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта скъолайы ахуыргæнджытæн сæ егъау хайбавæрды тыххæй рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ.
Ацы аз фæндзæм астæуккаг скъолайы ахуыр кæндзысты 31 фыццагкъласоны.
Бæрæгбонон линейкæ Цхинвалы фæндзæм скъолайы