Дыууӕ цхинвайладжы фӕивар кодтой "Лирика"-йы фӕдыл экспертизӕ кӕй нӕ рацӕдысты, уый тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 сен - Sputnik. Дзауы районы тӕрхондон фӕивар кодта Цхинвалы дыууӕ цӕрӕджы фӕйнӕ 80 мин сомы бӕрц тобӕгонд буарад "Лирика"-йы фӕдыл медицинон басгӕрст рацӕуыныл кӕй не сразы сты, уый тыххӕй, фехъусын кодта республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Дзауы районы тӕрхондон рахаста ивар фӕйнӕ 80 мин сомы бӕрц столицӕйы 28 ӕмӕ 22-аздзыд цӕрджытӕн", - загътой уагдоны.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, столицӕйы цӕрджыты ӕрцахстой, уымӕн ӕмӕ сӕм зӕрдӕ ӕхсайдта "Лирика"-йӕ пайда кӕнынмӕ, фӕлӕ уыдон не сразы сты рацӕуын медицинон басгӕрст.