ЦХИНВАЛ, 6 сен— Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры арæзт цæуы Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъолайы бæстыхайæн уæлæмхас корпус. Ног бæстыхайы уыдзæн актон зал, æрмадз, хæрæндон æмæ цыппар ахуырадон къласы. Уый тыххæй фехъусын кодта районы администрацийы пресс-секретарь Бететы Лариса.
Дзауы стæуккаг скъола у иууыл егъаудæртæй иу районы, ахуыр дзы кæнынц 200 бæрц скъоладзауы. Скъола рауæрæх кæныны тыххæй фыццаг хатт фехъусын кодтой Гаглойты Аланы балцы рæстæджы Дзауы районмæ фарон уалдзæджы.
"Дыууæуæладзыгон корпус арæзт цæуы скъолайы сæйраг бæстыхайы цур. Ног объекты уыдзæн актон зал, æрмадз, хæрæндон æмæ цыппар ахуырадон къласы æмæ цалдæр сæрмагонд кабинеты фæллойады уроктæн", - фехъусын кодта Бететы Лариса.
Афтæ ма уый фехъусын кодта, уæлæмхас корпус кæй ратдзысты эксплутацимæ фидæн аз.