ЦХИНВАЛ, 10 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны экономикон фыдракæндты ныхмæ тохы фæдыл фæткдаруаты кусджытæ рейдты рæстæджы ссардтой æртæ дуканийы тобæгонд базайрæгтæ, фехъусын кодта республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Фæткхалджыты фæдыл сарæзтæуыд административон протоколтæ. Басгæрсты фæстæ æрæмбырдгонд æрмæджытæ барвитдзысты тæрхондонмæ", - банысан кодтой уагдоны.
Министрады бахахх кодтой, зæгъгæ, столицæйы дуканитæй иуы оперативон кусджытæ ссардтой энергетикон нозт. Афтæ ма рейдты рæстæджы Ленингоры поселочы милицийы кусджытæ сбæрæг кодтой дыууæ дуканийы æнæ паддзахадон лицензийæ амалиуæгадон архайд. Ацы дуканиты ссардтой контрафактон алкоголон нозт.