Цхинвалы хæдтулгæ сæмбæлд хисæрмагонд хæдзарыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 сен - Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы къуырисæры æрцыд фæндагон-транспортон цау (ФТЦ) – рог хæдтулгæ сæмбæлд хисæрмагонд хæдзары къулыл.
Фæндагон цау æрцыд Горькийы уынгыл, фехъусын кодтой Sputnik-æн республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæйы.
"Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ВАЗ-2106 хæдтулгæйы шофыр нæ радта фæндаг, уый фæстиуæгæн фæсарæйнаг маркæйы хæдтулгæйы шофыр нæ сырæхст скъæрын æмæ сæмбæлд хисæрмагонд хæдзары къулыл. Цауы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй", - банысан кодтой уагдоны.
Цхинвалы хæдтулгæ сæмбæлд хисæрмагонд хæдзарыл