Хуссар Ир, Абхаз ӕмӕ Днестыргӕроны скъолатӕ бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 сен - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстон, Абхаз ӕмӕ Днестыргӕрон бафыстой бадзырд ӕмгуыстад ӕмӕ ӕфсымӕрон ахастытӕ сфидар кӕныны фӕдыл скъолаты ӕхсӕн. Мадзал ацыд онлайн-форматы ӕртыццӕджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты конференц-залы.
Хуссар Ирыстоны ахуырад ӕмӕ зонады министр Лолаты Аслан йӕ раныхасы банысан кодта, республикӕ цӕттӕ кӕй у ӕрбавдисын куысты методикӕтӕ.
"Мах цӕттӕ стӕм радзурын ахуыр кӕныны методикӕтӕ ӕмӕ нывӕстыты тыххӕй. Уый у нӕ иумӕйаг фидӕны хорз райдайӕн", - бахахх кодта министр.
Ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд бафыстой гимнази "Альбион"-ы директор Гуыцмӕзты Ирина, горӕт Очамчыры дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы директор Илона Дамения ӕмӕ горӕт Бендерыйы 20-ӕм астӕуккаг скъолайы директор Раиса Макаренко.