Меняйло: Цæгат Иры архайд здæхт у СÆО-йы хайадисджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуысмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 сен - Sputnik. Цæгат Иры къухдариуæгады архайд здæхт у сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хайадисджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуысмæ, фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло Уæрæсейы хъахъхъæнынады министры хæдивæг Анна Цивилеваимæ фембæлды рæстæджы, ныффыста йæ telegram-канале Сергей Меняйло.
"Абоны бон нæ архайд здæхт у СÆО-йы хайадисджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуысмæ", - радзырдта Меняйло.
Цивилева фехъусын кодта, Фонд "Фыдыбæстæйы Хъахъхъæнджыты" куыст афтæ арæзт кæй æрцæудзæн, цæмæй йæ бындурыл æрбаиу кæной æххуысы мадзæлттæ архайгæ æфсæддонтæн, демобилизацигонд хæстонтæн сæ бинонтимæ æмæ фæмардуæвджыты бинонтæн.
"Хорзыл нымайын федералон уагдоны скъуыддзаг. Цæгат Ирыстон цæттæ у куыстмæ ацы здæхты", - банысан кодта республикæйы сæргълæууæг.
Сергей Меняйло æмæ Уæрæсейы хъахъхъæнынады министры хæдивæг Анна Цивилевайы фембæлд