Хуссар Иры цӕрӕджы ӕрцахстой тобӕгонд буарадтимӕ "Дӕллаг Зӕрӕмӕг"-ы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрӕгмӕ ссардтой тыхтон героинимӕ ӕмӕ "Прегабалин"-ы 11 капсулӕйы уадзӕн пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕг"-ы.
Нӕлгоймаг фӕнд кодта ахизын арӕны сӕрты таксийы пассажиры хуызы.
"Басгӕрсты рӕстӕджы зӕрдӕхсайгӕйы хӕлафы дзыппы ссардтой тыхтон урс буарадимӕ ӕмӕ 11 капсулӕйы", - хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад.
Иртасты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, капсулӕты уыд тобӕгонд буарад "Прегабалин", тыхтоны та наркотикон буарад героин.
Нӕлгоймаджы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг нарктикты контрабандӕйы тыххӕй.