Цхинвалы цӕгаттаг хайы майрӕмбоны ахицӕн кӕндзысты дон цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕйраг сахары цӕгаттаг хай майрӕмбоны баззайдзӕн ӕнӕ донӕй горӕты хызӕгты цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй, хъусын кӕны Цхинвалы администраци.
"Дон ахицӕн кӕндзысты 10.00 сахатӕй 16.00 сахатмӕ микрорайонтӕ "Мӕскуыйаг", "БАМ" ӕмӕ 8-ӕм Июны уынгыл", - банысан кодтой горӕты администрацийы.
Цалцӕггӕнӕн куыстытӕ баст сты Путины уынгыл дыккаг алвӕндаджы авари аиуварс кӕнынимӕ, бафтыдтой столицӕйы администрацийы.