ЦХИНВАЛ, 13 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы райдыдта Хъемултайы астӕуккаг скъолайы ликвидацийы процедурӕ, фехъусын кодта Sputnik-ӕн районы администрацийы пресс-секретарь Бететы Лариса.
"Скъола сӕхгӕныны скъуыддзаг рахастам, уымӕн ӕмӕ ацы ахуырадон аз уым нӕ уыд скъоладзаутӕ", - загъта Бететы Лариса.
Уый размӕ августы Хуссар Ирыстоны ахуырады министр Лолаты Аслан фехъусын кодта, кӕй фӕнд кӕнынц сӕхгӕнын скъолатӕ дыууӕ хъӕуы – Бол ӕмӕ Ногхъӕуы, Хъемултайы скъолайы тыххӕй скъуыддзаг уӕд нырма нӕ рахастой.