Хуссар Иры цӕрджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ Республикӕйы боны цытӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 сен – Sputnik. Республикӕйы боны цытӕн Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ.
Бӕрӕгбонон бонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты къӕлиндармӕ гӕсгӕ улӕфт бонтӕ уыдзысты цыппар боны – 20, 21, 22 ӕмӕ 23 сентябры.
Хуссар Ирыстоны 20 сентябры нысан кӕндзысты республикӕ расидыны бон. Ацы датӕ хаст ӕрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон бӕрӕгбонты къӕлиндармӕ.
Республикӕйы цӕрджытӕ ма 21 сентябры нысан кӕндзысты Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы бӕрӕгбон.