Хуссар Ир цӕттӕ кӕны Республикӕйы расидыны 34-ӕм афӕдзы боны цытӕн парадмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 сен - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрад райдыдта цӕттӕ кӕнын Республикӕ Хуссар Ирыстоны расидыны 34-ӕм афӕдзы бонӕн нывонд ӕфсӕддон парадмӕ, фехъусын кодта Sputnik-ӕн министрады пресс-службӕйы хистӕр Чехойты Инга.
"Ӕфсӕддон горӕты плацыл тренировкӕтӕ уадзынц Хъахъхъӕнынады министрады парадон къордтӕ, республикӕйы ӕндӕр тыхон структурӕты ӕмӕ 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы парадон къордтӕ. Цӕттӕкӕнынадмӕ ӕдзух йӕ цӕст дары министрады сӕргълӕууӕг, булкъон Сабанты Инал", - загъта Чехойты Инга.
Ӕфсӕддон парад ацӕудзӕн 20 сентябры Театралон фӕзуатыл Цхинвалы, хайад дзы райсдзысты Хуссар Ирыстоны тыхон структурӕты колоннӕтӕ: Хъахъхъӕнынады министрад, Мидхъуыддӕгты министрад, Уӕлвӕткон уавӕрты министрад, Паддзахадон ӕдасдзинады арӕнгӕрон службӕ, 4-ӕм гвардеон уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕ, афтӕ ма кадетон скъолайы курсанттӕ.