Цӕгат Ирыстоны синоптиктӕ рагхыгъд кӕнынц тӕрккъӕвдатӕ ӕмӕ ихуард

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 сен - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны территорийыл ӕввахс бонты дӕргъы февзӕрдӕр уыдзӕн боныгъӕд, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.

"Цæгат Кавказы гидрометеослужбæйы фæткдаруаты информацимæ гæсгæ, 13 ӕмӕ 14 сентябры Цӕгат Ирыстоны территорийыл уыдзысты тӕрккъӕвдатӕ, ихуард ӕмӕ тыхдымгӕтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ӕвзӕр боныгъӕды аххосӕй цӕугӕдӕтты гӕнӕн ис фӕфылдӕр уа доны ӕмвӕзад, хӕхты та гӕнӕн ис ӕрцӕуой цъыфы зӕйтӕ. Регионы Уӕлвӕткон уавӕрты министрад сиды республикӕйы цæрджытæм, цæмæй æххæст кæной сæрмагонд æдасдзинады фæтктæ.