Хуссар Иры МХМ-ы радзырдтой ивгъуыд къуырийы криминогенон уавӕры тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны иу къуыримӕ ӕрцыд иу фӕндагон-транспортон цау ӕмӕ иу фыдракӕнд, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Афтӕ ма ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй милицийы кусджытӕ бӕрндзинадмӕ ӕрбаздахтой иу ӕмбӕстаджы.
"Республикӕйы фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд иу фӕндагон-транспортон цау. Аварийы фӕстиуӕгӕн буары цӕфтӕ райста иу адӕймаг", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ацы период сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 218 фӕткхалды, фондз шофыры фӕдыл та сарӕзтой административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй. Ноджы ма æртæ шофыры та не сразы сты медицинон басгӕрст рацӕуыныл, уый дӕр ӕркӕны административон бӕрндзинадмӕ, бафтыдтой министрады.