ЦХИНВАЛ, 16 сен – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Къуырисӕры Хуссар Ирыстоны цытджын ӕгъдауӕй байгом II Æхсӕнадӕмон медицинон конференци "Æнӕниздзинадхъахъхъӕнынады райрӕзты практикон аспекттӕ", зӕгъгӕ, ахӕм темӕйыл. Хуссар Ирыстонӕй дарддӕр дзы хайад исынц Уӕрӕсе, Абхаз, Приднестровье, Цӕгат Ирыстон, Краснодары край ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрӕдты къухдариуӕггӕнджытӕ ӕмӕ минӕвӕрттӕ.
Конференцийы архайджытӕн раарфӕ кодта президент Гаглойты Алан.
Нӕ республикӕйы ахӕм стыр конференци фыццаг хатт цӕуы. Уый у ахсджиаг къахдзӕф нӕ бӕстӕты ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады къабазы специалистты ӕмгуыстад фидар кӕныны хъуыддаджы. Конференци ахъаз кӕндзӕн нырыккон медицинӕйы актуалон домӕнтӕ ӕххӕст кӕнынӕн ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады системӕйӕн ног фадӕттӕ саразынӕн, – загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Конференцийы раныхас кодтой Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрӕдты къухдариуӕггӕнджытӕ Михаил Мурашко ӕмӕ Джыккайты Томас дӕр.