Мурашко: Уӕрӕсе баххуыс кӕндзӕн саразын РХИ медицинӕйы райрӕзты стратегион программӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Арӕзт ӕрцӕудзӕн Хуссар Ирыстоны медицинӕйы къабазы райрӕзты стратегион программӕ, фехъусын кодта Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Михаил Мурашко Республикон бирӕпрофилон медицинон центры басгӕрсты фӕстӕ.
"Мах сараздзыстӕм стратегион райрӕзты программӕ. Мах ӕрдзырдтам, куыд хуыздӕр спайда кӕнӕм нӕ ресурстӕй, ууыл. Ахсджиаг у раст сӕвӕрын приоритеттӕ ӕмӕ сорганизаци кӕнын куыст ацы къабазы", - банысан кодта Мурашко.
Уӕрӕсейаг министр ма бахахх кодта, кӕй хъӕуы балхӕнын медицинон центрӕн уӕлӕмхас ифтонггарз.
Михаил Мурашко Хуссар Ирыстонмӕ дыууӕбонон балцы фӕлгӕтты базонгӕ ис Республикон бирӕпрофилон медицинон центры куыстимӕ. Уый бабӕрӕг кодта сӕйраг хайадтӕ, сӕ нымӕцы реанимаци, операцион блок, диализы хайад ӕмӕ гуырӕн хӕдзар.
Афтӕ ма Михаил Мурашко хайад райста медицинон конференцийы куысты.