Хуссар Иры Къуыдаргомы байгом уыдзӕн уазӕгдон "Къуайса" горӕты Бонмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы байгом уыдзӕн уазӕгдон "Къуайса", фехъусын кодта Sputnik-ӕн Къуайсайы мэры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хуыгаты Ибрагим. Объект райсдзӕн фыццаг уазджыты сентябры, Къуайса горӕты Бон куы нысан кӕна, уӕд.
"Уазӕгдон арӕзт ӕрцыд советон дуджы, фӕлӕ рагӕй уыд хӕлд, 2007 азы амалиуӕггӕнӕг Джуссойты Альберт райдыдта бӕстыхайы цалцӕг, фӕлӕ уӕд нӕ бантыст фӕуын куыстытӕ. Ныр та уый ногӕй бавнӕлдта уазӕгдоны цалцӕгмӕ, ӕмӕ дыууӕ уӕладзыджы ныридӕгӕн цӕттӕ сты", - банысан кодта Хуыгаты Ибрагим.
Мэры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, Джуссойты Альберты руаджы фӕуыдзӕн егъау аргъуаны арӕзтад дӕр горӕты центры.