ЦХИНВАЛ, 18 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад æртыццæджы рабадтыл сфидар кодта улæфт бонты къæлиндар 2025 азмæ.
Йæ раныхасы фæллойад æмæ социалон хъахъхъæнынады министр Гаглойты Олег банысан кодта, кæй райстæуыд скъуыддзаг, цæмæй рахæссой улæфт бон 4 январы сабатæй 30 майы майрæмбонмæ. Афтæ ма улæфт бон рахæсдзысты 5 январы хуыцаубонæй 13 июны майрæмбонмæ, 23 августы сабатæй 25 августы къуырисæрмæ.
Афтæмæй фæллойадон законад хынцгæйæ, 2025 азы Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ улæфдзысты:
1-æй 7-æм январьмæ; - 22-æй 24-æм февральмæ
8-æй 10-æм мартмæ; - 1 майы
9-æй 11-æм маймæ; 29 маййæ 1-æм июньмæ
12-æй 15-æм июньмæ; 24-æй 26-æм августмæ
20-æй 23-æм сентябрмæ
22-æй 24-æм ноябрмæ.