РХИ хицауад материалон æххуыс бакодта Ленингоры районы цæрæгæн, кæцыйæн басыгъд йæ хæдзар

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад аскъуыддзаг кодта материалон æххуыс бакæнын 100 мин сомы бæрц Къоринтайы хъæуы цæрæг Важа Херкеладзейæн, кæцыйы мулкъ багъыгдард зынгсирвæзты фæстиуæгæн ацы аз 22 июны.
Хицауад рахицæн кодта финансон фæрæзтæ йæ фæсауæрцон фондæй.
Хуссар Ирыстоны хицауад æдзух финансон æххуыс кæны æрдзон бæллæхтæй зианбаййафджытæн.