Хуссар Иры банысан кодтой паддзахадон тырысайы Бон

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысайы бæрæгбон райдыдта Цхинвалы националон тырыса бæрзæндмæ сисынæй.
Бæрæгбоны фæдыл æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта республикæйы президент Гаглойты Алан.
"Националон тырыса æвдисы нæ Фыдыбæстæйы тых æмæ национ иудзинад. Уый мидæг æвæрд сты нæ паддзахаддзинад, нацийы хиæмбарынад æмæ монон хæзнатæ. Уадз æмæ Аланийы сæрмæ æнустæм уа ирон тырыса, уадз æмæ нæ кæна ног уæлахизтæм", - загъта паддзахады сæргълæууæг.
Харебаты Вадимы зындгонд зарæг "Цхинвал" сæххæст кодта номдзыд зарæггæнджыты квартет - Бекъойты Вано, Хаситы Сослан, Гатыгкоты Нина æмæ Харебаты Марта. Паддзахадон ансамбль "Симд" артисттæ та сæххæст кодтой массон кæфтытæ "Симд" æмæ "Хæххон".
Хуссар Иры банысан кодтой паддзахадон тырысайы Бон