ЦХИНВАЛ, 19 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фондз фæсарæйнаг æмбæстаджы æрбаздахтой административон бæрндзинадмæ миграцион законад фехалыны тыххæй, фехъусын кодта цыппæрæмы республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Министрады банысан кодтой, миграцийы фарстыты фæдыл фæткдаруаты кусджытæ кæй уадзынц рейдтæ мигрантты цæрыны бынæтты.
"Басгæрстон мадзæлтты фæстиуæгæн рабæрæг миграцион законады æхсæз фехæлды фондз фæсарæйнаг æмбæстагæн. Фæткхалджыты æрбаздахтой административон бæрндзинадмæ", - банысан кодтой министрады.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, миграцийы фарстыты фæдыл фæткдаруат йæ цæст дары мигрантты уæвынадмæ республикæйы.