Хъæрæцаты Асланы къухы бафтыд йæ фыццаг уæлахиз "Челленджеры"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирон теннисист Хъæрæцаты Аслан акодта йæ фыццаг æнтыстджын хъазт "Челленджеры", Тайланды. Афтæмæй, рамбылдта ерысты фыццаг къæпхæны матч.
Финалы æхсæрдæсæм хайы Аслан фæтых украинæйаг теннисист Илья Марченкойыл. Уæлахизæн æй бахъуыд иу сахат æмæ æхсæрдæс минуты.
31-аздзыд дзæуджыхъæуккаг спортсменæн йæ ног ныхмæлæууæг уыдзæн, испайнаг Алехандро Моро Каньес æмæ австралиаг Джеймс Маккейбæй чи рамбула, уый.