Затулин: Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбарад банымайыны тыххæй Уæрæсе йæ хъуыды нæ аивдзæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 сен – Sputnik. Евразиаг интеграци, æмбæстæгтимæ бастдзинад æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады хъуыддæгты фæдыл Паддзахадон думæйы комитеты сæрдары фыццаг хæдивæг Константин Затулин фехъусын кодта, Гуырдзыстоны дзæгъæлы кæй дарынц сæ зæрдæ абхазæгты æмæ ирæтты æрбаиу кæныныл. Газета.ru-йæн куыд радзырдта, афтæмæй Уæрæсе нæ архайдзæн Сухум æмæ Цхинвалы хъуыддæгтыл сахадыныл.
"Байрæджы ис. Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон Гуырдзыстонмæ нал æрбаздæхдзысты. Уæрæсе сын сæ уынаффæйыл никуыд æндавдзæн æмæ сын ницы хъардзæн, кæд ууыл, чи зоны, бирæтæ сæ зæрдæ дарынц, уæддæр. Махæн бынтон æндæр зондахаст ис, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадмæ æндæрхуызон кæсæм. Цавæрдæр эфемерон пайдайы охыл нæ хъуыды аивæм, уыцы фæнд нæм нæй æмæ нæ уыдзæн", – загъта Затулин.
Уымæй дарддæр, банысан кодта, Тбилисы ногæй кæй сдзырдтой Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ ахастытæ æрнывыл кæныныл.
"Парламентон æвзæрыстыты агъоммæ парти "Гуырдзыстоны бæллиц" фехъусын кодта йæ ног ахасты тыххæй. Бæлвырддæрæй, загъдæуыд, 2008 азы Саакашивилийы агрессийы тыххæй ирæттæй хатыр ракурын кæй хъæуы. Уый канд æхсæнадæмон нæ, фæлæ сæйраджыдæр мидполитикон нысæнтты тыххæй кæнынц. Ахæм хуызы сæ фæнды æвзарджыты `ргом аздахын, Саакашвили йæ агрессийæ бæстæ цы къуырцдзæвæнмæ батардта, уымæ", – бамбарын кодта Константин Затулин.