ЦХИНВАЛ, 25 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æрдзырдта Уæрæсейы хицауады вице-премьер Александр Новакимæ дыууæ бæстæйы æхсæн социалон-экономикон æмгуыстады фарстытыл. Фембæлд ацыд Мæскуыйы паддзахады сæргълæууæджы кусæгон балцы фæлгæтты Уæрæсейы Федерацимæ. Уый тыххæй æртыццæджы фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президенты пресс-службæ.
"Вице-премьер бахахх кодта, дыууæ бæстæйы æхсæн ахастытæ арæзт кæй цæуынц хæларады бындурыл. Уæрæсе ахъаз кæны Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзтæн", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Уымæй дарддæр фарсытæ æрдзырдтой æмгуыстады сæйраг здæхтытыл æввахс фидæнмæ, сæ нымæцы уæрæсейаг нефты продукттæ æмæ электроэнергийы æрбаласты уавæртæ Хуссар Ирыстонмæ.