Цхинвалы скъола-интернаты коррекцион къласӕн радтой ифтонггарз

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 сен - Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы скъола-интернаты коррекцион къласы сывӕллӕттӕн радтой райтынг кӕнӕн хъӕзтытӕ. Сывӕллӕтты омбудсмен Джиоты Аэлитайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, акцийы инициатор у Уӕрӕсейы президенты ӕххӕстбарджын сывӕллӕтты барты фӕдыл Мария Львова-Белова.
"Фарон уӕрӕсейаг коллегӕ Мария Львова-Беловаимӕ бафыстам меморуандум. Ӕмӕ 26 августы, республикӕйы хӕдбардзинад банымайыны бӕрӕгбонмӕ нӕм куы ӕрцыд, уӕд нын радта дыууӕ сертификаты: уыдонӕй иу у сӕрмагонд ифтонггарз Цхинвалы скъола-интернатӕн, дыккаг та – ифтонггарз психологон ӕххуысы центрӕн, кӕцы кусдзӕн Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕххӕстбарджыны ӕвджид", - загъта Джиоты Аэлита.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕзтытӕ сты коррекцион кълӕсты низӕфхӕрд сабитӕн. Уыдон арӕзт ӕрцыдысты Монтессори ӕмӕ Фребелы методикӕтӕм гӕсгӕ ӕмӕ ахъаз сты сывӕллӕтты когнитивон фадӕтты райрӕзтӕн.
Цхинвалы скъола-интернаты коррекцион къласӕн радтой ифтонггарз