ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстонмӕ ӕввахс рӕстӕджы фӕхӕццӕ кӕндзысты дыууӕ сӕрмагонд медицинон аппараты Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Михаил Мурашкойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Джыгкайты Томас мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты пресс-концеренцийы рӕстӕджы.
"Махӕн уыд проблемӕ наркозы аппаратимӕ сывӕллӕтты рынчындоны ӕмӕ рӕуджыты вентиляцийы аппаратимӕ. Дыууӕ аппараты дӕр сты гъӕдджын немыцаг ифтонггарз, равзӕсртой сӕ реаниматологтӕ ӕмӕ анестезиологты уынаффӕмӕ гӕсгӕ. Фидӕны ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ноджы ӕххуысмӕ", - загъта министр.
Дыууӕ аппараты дӕр ӕнӕфӕцудгӕ хъуамӕ кусой 10 азы дӕргъы, бафтыдта Джыгкайты Томас.