ЦХИНВАЛ, 26 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) экономикон фыдракӕндты ныхмӕ тохы фӕдыл фӕткдаруаты кусджытӕ рейдты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой фехӕлдтӕ столицӕйы дыууӕ хӕлцадон дуканийы. Ӕрӕмбырдгонд ӕрмӕджытӕ барвитдзысты Цхинвалы тӕрхондонмӕ, фехъусын кодта министрады пресс-службӕ.
"Фӕткхалджыты фӕдыл сарӕзтӕуыд ӕрмӕджытӕ административон фӕткхалды фӕдыл, басгӕрсты фӕстӕ ӕрӕмбырдгонд ӕрмӕджытӕ барвитдзысты Цхинвалы тӕрхондонмӕ", - банысан кодтой уагдоны.
Министрады бахахх кодтой, зӕгъгӕ, Цхинвалы хӕлцадон дуканитӕй иуы ссардӕуыд ӕнӕалкоголон энергетикон нозт. Дыккаг хӕлцадон дуканийы та амалиуӕгадон куыст ӕххӕст цыд ӕнӕ паддзахадон регистрацийӕ.