ЦХИНВАЛ, 26 сен – Sputnik. Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ӕрцахстой нӕлгоймаджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайы йӕ раздӕры ӕмкъайы фӕнӕмынмӕ.
Республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй горӕты мидхъуыддӕгты хайадмӕ куырдиатимӕ ӕрбадзырдта столицӕйы 29-аздзыд цӕрӕг сылгоймаг.
"Цау ӕрцыд ӕртыццӕджы 12.30 сахатыл – нӕлгоймаг нозтджынӕй ӕрбацыд куыстмӕ йӕ раздӕры ӕмкъаймӕ ӕмӕ йӕ фӕнадта, уый фӕстӕ фӕтары цауы бынатӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы ӕрцахстой зӕрдӕхсайгӕйы. Ныртӕккӕ уый ис рӕстӕгмӕдарӕн камерӕйы.