ЦХИНВАЛ, 27 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады райдыдта ӕфсӕддонты медицинон басгӕрст, хъусын кӕны майрӕмбоны уагдоны пресс-службӕ.
"Хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ медицинон басгӕрст рацӕудзысты ӕппӕт кусджытӕ – куыд офицертӕ, афтӕ солдаттӕ ӕмӕ сержанттӕ дӕр. Командировкӕ, отпуск кӕнӕ караулты сконды чи службӕ кӕны, уыдоны басгӕрст цӕудзӕн ӕндӕр бонты", - радзырдтой министрады.
Медицинон басгӕрст уадзынц хъахъхъӕнынады министрады дохтыртӕ республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады специалистты ӕмархайдӕй.