Меняйло: Цæгат Иры туризм иу азмæ дыууæ хатты фæфылдæр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 сен - Sputnik. Цæгат Ирыстоны æрдæг азмæ уыдысты 900 мин туристы бæрц, фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг туризмы Боны фæдыл.
"Ацы бæрæггæнæн дыууæ хатты фæфылдæр ивгъуыд азмæ абаргæйæ", - ныффыста Меняйло йæ Telegram-каналы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæмæ æрцæуынц Мæскуы, Краснодары край, Ростовы область, Сыбыр æмæ Уæрæсейы æндæр регионтæй, афтæ ма фæсарæнтæй.
Сергей Меняйло бузныг загъта алкæмæндæр, чи ахъаз кæны туризмы къабазы райрæзтæн, хуыздæр кæны республикæйы имидж, афтæ ма размæ кæны туристон продукци.