Хуссар Иры президент раарфӕ кодта Абхазӕн уӕлахиз ӕмӕ хӕдбардзинады Боны цытӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 сен - Sputnik. Хусссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта йӕ абхазаг коллегӕ Аслан Бжанийӕн Абхазы уӕлахиз ӕмӕ хӕдбардзинады Боны цытӕн, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Абхаз абон нысан кӕны 1992-1993 азты Фыдыбӕстӕйон хӕсты уӕлахизы 31-ӕм афӕдзы бон.
"Хуссар Ирыстоны адӕм ӕмӕ къухдариуӕгады номӕй зӕрдиаг арфӕ кӕнын Дӕуӕн ӕмӕ Абхазы ӕфсымӕрон адӕмӕн националон бӕрӕгбон – Уӕлахиз ӕмӕ хӕдбардзинады боны цытӕн", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Гаглойты Алан бахахх кодта, бирӕ азты дӕргъы Абхазы адӕм ӕвдыстой ӕцӕг хъайтардзинад ӕмӕ фидарӕй цыдысты сӕрибардзинадмӕ.