Цхинвалы фæзындзæн ног бюст æмæ мемориалон фæйнæджытæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 окт – Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы администраци ратта бар русхтауæг Джиоты Христофоры (Порайы) бюст сæвæрынæн. Уый фæдыл сæм бахатыдысты йæ бинонтæ. Бюст уыдзæн Мады Майрæмы аргъуаны цур скверы.
Уымæй даддæр, мэрийы сразы сты адæмон нывгæнæг Гасситы Хсар æмæ адæмон артист Харебаты Федыры хæдзæрттыл мемориалон фæйнæджытæ бакæныныл.
Ацы аз ма ахæм фæйнæджытæ конд æрцыдысты Абхазы хъайтар Еналдыты Дмитри æмæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæхъуыд, уыцы хæстон Гаглойты Иналы номыл.