Цхинвал бафаудта Сирийы ныхмæ Израилы уæлдæфон атакæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстон растыл нæ нымайы Сирийы ныхмæ Израилы авиацион атакæ. Уый халы Сирийы суверенитет æмæ æхсæнадæмон барады домæнтæ, фехъусын кодтой абон фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады.
"Радон хатт цæфтæ æруадысты граждайнаг инфраструктурæйы ахсджиаг объекттыл, сæйраджыдæр та – сабырæй цæрæг адæмыл", – дзырдæуы хъусинаджы.
Æртыццæджы Израилы æфсæддон-уæлдæфон тыхтæ æхстой Сирийы ныгуылæйнаг хайы горæтты. Æртæ адæймаджы амардысты, ноджы æртæ фæцæф сты.
Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад сиды конфликт политикон-дипломатон фæрæзтæй аиуварс кæнынмæ.