Цхинвалы цæуынц уæлвæткон уавæрты министрады ахуыртæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 окт – Sputnik. Цхинвалы Паддзахадон драмон театры бæстыхайы цæуынц уæлвæткон уавæрты министрады равдыстон ахуыртæ. Уадзынц сæ, ведомствойы сырæзтыл 16 азы кæй сæххæст, уый фæдыл. Æдæппæтæй дзы архайынц 45 адæймаджы – сапертæ, ирвæзынгæнджытæ, зынгфæдисонтæ.
Ахуыртæм йæ хъус дары президент Гаглойты Алан.