Федерацийы Советы райдыдтой Цæгат Ирыстоны бонтæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 окт – Sputnik. 7-9 октябры Федерацийы Советы цæудзысты Цæгат Ирыстоны бонтæ. Уынаффæ кæндзысты экономикæ, ахуырад, культурæ, фæндагон инфраструктурæ æмæ æндæр темæтыл.

"Регионы презентацийы æвдыст æрцæудзысты Цæгат Ирыстоны гæнæнтæ, йе `нтыстытæ, уымæй дарддæр нын уыдзæн политикон æмæ культурон бастдзинæдтæ сфидар кæныны фадат. Нæ зæрдæ дарæм, федералон центр нын нæ проекттæн, нæ фæндтæн æмæ нæ идейæтæн кæй ахъаз кæндзæн, ууыл. Уыдон комкоммæ арæзт сты Цæгат Ирыстоны адæмы царды хæрзхъæддзинадмæ", – загъта регионы сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Цæгат Ирыстоны бонты йын уыдзæн фембæлд Федерацийы Советы сæрдар Валентина Матвиенкоимæ. Уымæй дарддæр, бацархайдзæн "Час субъекта", зæгъгæ, ахæм пленарон рабадты. Ныхас цæудзæн социалон-экономикон райрæзты фарстытыл.
Федерацийы Советы уыдзæн равдыст дæр. Уый руаджы хуыздæр базонæн уыдзæн Цæгат Ирыстоны истори æмæ йæ сæйраг æнтыстытæ