Фæлдзæуæн афон: 1943 азы 9 октябры ахицæн Кавказы сæрыл тох

Sputnik
Германы фæндты уыд дыууæ мæймæ Кавказ басæттын, Бакумæ бахæццæ уын, стæй Иран æмæ Индимæ бабырсын. Сæ сæйраг нысан уыд афтæ хуыйнæг персаг коридор æрæхгæнын æмæ артаджы хъуагдзинады фарст алыг кæнын.
Сæрысуангæй нацисттæн æнцонæй æнтысти Кавказмæ арфæй арфдæр хизын. Уавæр аивта, Туапсе æмæ Грознæмæ бабарсын цалдæр хатты сæ къухы куы нæ бафтыд, уæд.
Уæззау тохты немыцæгтæн сæ тыхтæ куы рафтыдысты, уæд Сырх Æфсад абырста сæ ныхмæ.
Советон æфсæддонтæ рохтæ сæхимæ райстой: 1943 азы 3 январы ссæрибар кодтой Мæздæг, 11 январы – Пятигорск, 21 январы – Стъарапол, 12 февралы – Краснодар.
1943 азы 4 февралы советон денджызон фистæг æфсад Новороссийскмæ хæстæг иу зæххы гæбаз бауромыныл архайдта кодта 225 боны – цалынмæ 16 сентябры сæрибаргонд æрцыд, уæдмæ.
Кавказы сæрыл тох цыдис 442 боны æмæ Ленинград бахъахъхъæныны тохы фæстæ (900 боны) ссис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дæргъвæтиндæр тох.