Гаглойты Алан баивта Цхинвалы мэры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik. Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео сæрибаргонд æрцыд йæ куысты бынатæй. Æмбæлон барамынд дыццæджы, 8 октябры, бафыста президент Гаглойты Алан.
Хуыгаты Ромео
Йæ иннæ барамындæй паддзахады сæргълæууæг мэры бынатмæ снысан кодта Гæбæраты Аланы.
Документтæ сæ тыхы бацыдысты сæ бафыссыны бон.