ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik. Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг ссис Багаты Алан. Хъæугæ документ дыццæджы, 8 октябры, бафыста Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан. Барамынд йæ тыхы бацыд йæ бафыссыны бон.
Раздæр комитеты сæргъы уыд Гæбæраты Алан. Уый та знон ссис Цхинвалы администрацийы разамонæг.