ЦХИНВАЛ, 9 окт – Sputnik. Республикæмæ куысты фæдыл æрцыд Уæрæсейы Тæрхондоны приставты федералон службæйы делегаци. Уазджытимæ фембæлд Хуссар Ирыстоны юстицийы министр Джиоты Алан, фехъусын кодта министрады пресс-службæ.
Делегацийы уæнгтимæ уынаффæ цæудзæн, Хуссар Ирыстоны тæрхондоны приставты куыст фæхуыздæр кæнынимæ баст чи у, уыцы фарстытыл.