Милици агуры, Цхинвалы цæрæджы чи фæнадта, уыцы нæлгоймæгты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ фехъусын кодта, знон сæм горæтаг управленимæ кæй бахатыд Цхинвалы 56-аздзыд цæрæг. Куыд радзырдта, афтæмæй йæм хæдзармæ æрбацыд йæ зонгæ нæлгоймаг иу æнæзонгæ æмбæстагимæ. Уазджытæ йæ фæнадтой æмæ йæм æвзыстой кардæй.
Уыцы бон хъыгдардбаййæфæг дзырдта, азымджын кæй кæнынц, уыдонæй сæ иуимæ æмæ дзы куырдта, цæмæй йын йæ хæс бафида. Фæлæ йын йе `хца раттыны бæсты нæлгоймаджы фæнадтой.
Йæ цæфтæ цас уæззау сты, уый сбæрæг кæндзæн экспертизæ, барадхъахъхъæнджытæ та агурынц аххосджынты.