Ирон боксертæ бацархайдзысты дунеон ерысты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 окт – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Æртæ ирон спортсмены Уæрæсейы командæйы сконды бацархайдзысты æрыгæтты `хсæн дунеон ерысты Будвайы (Черногори).
Хъуылаты Софья йæ тыхтæ бафæлвардзæн 57 кг онг уæзы категорийы. Дзугаты Миланæ рахæцдзæн 63 кг онг, Милдзыхты Батрадз та – 92 кг онг уæзы категорийы.
Æртæ боксеры дæр сты Уæрæсейы чемпионтæ.
Дунеон ерыстæ цæудзысты 20 октябрæй 4 ноябрмæ. Бацархайдзысты дзы 660 спортсмены дунейы 88 бæстæйæ.