Республикæйы скъоладзаутæ сæхи фæлтæрдзысты биатлоны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны скъолатæ райстой биатлонæй архайынæн хъæугæ ифтонгад. Балæвар сын æй кодта хæрзаудæн фонд "Биатлон Готов к Труду и Обороне". Комплектты ис винтовкæтæ, милтæ æмæ бирæ æндæр гæрзтæ. Уыдон ахъаз уыдзысты ахуырдзауты `хсæн спорты ацы хуыз ныббиноныг кæнынæн.
"Проект арæзт у Хуссар Ирыстоны ахуырады системæйы райрæзтмæ, ахуырады хъæд фæхуыздæр кæнынмæ, сывæллæтты æмæ фæсивæды алыварсон райрæзтæн уавæртæ аразынмæ", — загътой республикæйы ахуырад æмæ зонады министрады.