Захарова: 2008 азы хæсты тыххæй хатыр ракурын хорз у, фæлæ хъæуынц æдасдзинады гарантитæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 окт – Sputnik. Гуырдзыстон, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны ахастытæ æрнывыл кæнын ис Уæрæсейы интересты. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар Мария Захарова. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе цæттæ у Женевæйаг æхсæнадæмон дискусситы ацы хъуыддагæн ахъаз кæнын куыд бирæвæрсыг, афтæ дывæрсыг форматы дæр.
"Нæ абхазаг æмæ хуссарирыстойнаг æмцæдисонтимæ нын цы иумæйаг приоритеттæ ис, уыдон сты æнæивгæ: Цхинвал æмæ Сухумы ныхмæ тыхæй кæй не спайда кæндзысты, уый фæдыл Тбилисæй юридикон гарантитæ райсын, афтæ ма ацы республикæтимæ паддзахадон арæнтыл делимитацийы процесс райдайын", – загъта Захарова.
Уыимæ бафиппайдта, хъуыддæгтæ размæ кæй не `ккуырсынц, быцæуы архайджытæ регионы геополитикон уавæрмæ иухуызон цæстæй нæ кæсынц, уымæ гæсгæ.
"Æрæджы Гуырдзыстон фехъусын кодта, 2008 азы августы Саакашвилийы режим цы хæст ракъахта, уый тыххæй хатыр ракурынмæ кæй хъавынц, æмæ нын уый уæддæр цыдæр ныфс дæтты. Æгайтма, ныры онг дæр бæлвырд чи уыд, уыцы фактыл басастысты", – загъта Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар.
Йæ ныхæстæм бафтыдта, зæгъгæ йæ ныфс ис, гуырдзиаг делегацийæн ахæм уагахаст кæй уыдзæн Фæскавказы æдасдзинады фæдыл женевæйаг дискусситы радон раундты дæр.